Гуырдзыстон
|
|||||
Девиз: «Тых у иудзинады (гуырдз. ძალა ერთობაშია)» | |||||
Гимны ном: «Сæрибар (гуырдз. თავისუფლება)» | |||||
Хæдбар сси | 1991-æм азы 9 апрелы Советон Цæдисæй | ||||
Æвзаг | гуырдзиаг | ||||
Сæйраг сахар | Тбилис (Калак) | ||||
Стырдæр сахартæ | Тбилис (Калак), Кутаиси, Батуми | ||||
Хицауиуæджы хуыз | Президентон республикæ | ||||
Президент Премьер-министр Парламенты спикер |
Георгий Маргвелашвили Ираклий Гарибашвили Давид Усупашвили |
||||
Фæзуат | 69 700 км² | ||||
Цæрджытæ • Бахыгъд (2014) • Сфыст (2002) • Æнгомад |
▲ 4 490 500 ад. 4 361 876 ад. 68 ад./км² |
||||
ÆМП • Æдæппæт (2011) • Иу адæймагмæ |
дунейы 109-æм 23,934 млрд. $ 5491 $ |
||||
Валютæ | лари | ||||
Интернет-домен | .ge | ||||
Телефонон код | +995 | ||||
Сахатон таг | UTC+4 | ||||
Бæстæйы у декретон рæстæг |
Гуырдзыстон кæнæ Гуырдзы (гуырдз. საქართველო, [сакартвело]) у Кавказы æрдæгпрезидентон республикæ. Йæ конституцимæ гæсгæ цы зæххытæ хъуамæ ахса, уыдон цæгаты æмарæн сты Уæрæсеимæ, скæсæны Азербайджанимæ, хуссары Сомихимæ æмæ Туркимæ æмæ ныгуылæны та сын ис Сау денджызмæ ахизæн. Фæлæ уыцы зæххытæй Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз кæм сты, уыдонмæ йæ арм нæ дары. Хуссар Ирыстон ис Гуырдзыстоны сидт зæххыты астæуæй, Уæрæсейы æрдыгæй. Абхази та ис йæ сидт зæххыты ныгуылæнæрдыгæй. Гуырдзыстоны хицауады сæйраг сахар у Тбилис (Калак), кæцы, иу милуанæй фылдæр цæрæгимæ, у бæстæйы стырдæр сахар. Йæ закъондæддæг тыхты сахар та у Кутаис. Гуырдзыстоны сидт зæххыты фæзуат у 69 700 квадратон километр, кæдонæй армдард сты 57 200[1]. Цæры дзы 4,5 милуан адæймаджы. Кæд географион æгъдауæй Гуырдзыстоны фылдæр хай Азимæ хауы, уæддæр культурон, экономикон æмæ политикон æгъдауæй Европæмæ арæх цæуы хаст. Гуырдзыстон тырны НАТО æмæ ЕЦ-ы уæнг суын.
1991-æм азы онг — Советон Цæдисы Гуырдзыстоны Советон Социалистон Республикæ.
Бæстæйы президент у Георгий Маргвелашвили.
Сæргæндтæ
Административон дих
Административон æгъдауæй Гуырдзыстоны сконд у ахæм:
Уыдонæй Абхази у, йæ хæдбардзинад ын дыууæ паддзахады кæмæн банымадтой, ахæм ног паддзахад. Уыцы дихмæ гæсгæ Имерет, Цхета-Мтианети, Рацъ-Лечхум æмæ Дæллаг Суан æмæ Мидæггаг Картлимæ цы зæххытæ хауынц, уыдоныл лæууы æндæр ахæм паддзахад — Хуссар Ирыстон. ГеографиГуырдзыстон бынат кæны Фæскавказы. Бæстæйы фæзуат у 69,700 км² (Абхази æмæ Хуссар Ирыстон дæр нымайгæйæ). Гуырдзыстоны ис цалдæр стыргомау цæугæдоны — Къуар, Ингур, Риони æмæ æндæртæ.
Истори1800-æм азы уæды Гуырдзыстоны бæстæтæй иу барвæндонæй бацыдис Уæрæсейы Империйы скондмæ. 1810-æм азы Имерет дæр бацæуын кодтой Уæрæсемæ. Гуырдзиаг зæххытæ баиу сты, фæлæ гуырдзиаг паддзахад ууыл фæци. Фæстæдæр, Уæрæсейы революци куы æрцыдис, Гуырдзыстон расидти хæдбардзинад, цалынмæ Сырх Æфсад йæ нæ бакодта социалистон паддзахады скондмæ. ЦæрджытæДинГуырдзыстоны цæрджыты фылдæр хай сты православон чырыстæттæ. ЭкономикæКультурæФиппаинæгтæ
|