Францаг æвзаг

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Францаг æвзаг
Хином: français
Куыд æй зæгъынц: /fʁɑ̃sɛ/
Бæстæтæ: Франц (уыимæ йæ фæсденджызон бæстæтæ), Канадæ, Бельги, Швейцари, Ливан, Люксембург, Монако, Марокко, Алжир, Тунис; Африкæйы ныгуылæн æмæ централон паддзахæдтæй бирæ; Гаити, Маврикий; Азийы цалдæр бæстæтæ (Лаос, Камбоджæ æмæ Вьетнам); Мексикæ; АИШ-ы штат Луизианæ
Официалон статус: 29 бæстæйы, уыдоны ’хсæн Франц, Бельги, Канадæ æмæ Швейцари
Æдæппæт дзурджыты нымæц: 270 милуан ад.
Рейтинг: 12
Классификаци
Категори: Евразийы æвзæгтæ
Индоевропæйаг мыггаг
Ромайнаг къорд
Галлаг-ромайнаг дæлкъорд
Фыссынад: латинаг алфавит
ГОСТ 7.75–97: фра 745
ISO 639-1: fr
ISO 639-2: fre (B); fra (T)
ISO/DIS 639-3: fra
Æвзæгты тыххæй æппæт статьятæ

Францаг æвзаг у францæгты æвзаг, стæй францагау æндæр бирæ рæтты дзурынц: Канадæйы, Бельгийы, Швейцарийы, ныгуылæн Африкæйы æмæ афтæ дарддæр.

Францаг æвзаг хауы ромайнаг æвзагон къордмæ (уый йеддæмæ уыцы къордмæ хауынц испайнаг, италиаг, румынаг æмæ молдавайнаг æвзæгтæ).

Францаг æвзаг дунейы:
Цъæх-цъæхид: мадæлон æвзаг;
Цъæх: администрацийы æвзаг;
Арвыхуыз: культурæйы æвзаг;
Кæрдæгхуыз: францаг æвзагыл цæрджыты къаддæр хай дзуры