Кортес, Эрнан

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Эрнан Кортес

Фернандо Кортес Монрой Писарро Альтамирано (исп. Fernando Cortés Monroy Pizarro Altamirano, райгуырдис Медельины, Бадахосы провинци, 1485-æм азы — амардис Кастильеха-де-ла-Куэстæйы, Севильяйы провинци, 1547-æм азы 2 декабры), зындгонддæр у куыд Фернандо, Эрнандо, Фернан кæнæ Эрнан Кортес (исп. Hernán Cortés) — испайнаг конкистадор, тыхæй байста Мексикæ æмæ ацтекаг паддзахад ныддæрæн кодта. Паддзах Карл V ын радта маркизы титул (исп. Marqués del Valle de Oaxaca).

Эрнан Кортесы царды хабæртты тыххæй ратæдзæнтæ сты кадавар, уый тыххæй историктæн зын у ацы ахсджиаг историон адæймагæн аргъ скæнын.

Кортес райгуырд мæгуыр испайнаг уæзданы хæдзары. Йæ къухы бафтыдис Саламанкæйы университетмæ бацæуын, фæлæ дыууæ азы йеддæмæ дзы нæ фæахуыр кодта. Йæ ахуыры рæстæг базыдта латинаг æвзаг æмæ барады тыххæй цыдæртæ (уый йæ фæстæдæры фыстæджытæй зыны).

1506-æм азы уый ацыдис Ног Дунемæ, Санто-Домингойы æрыгон Кортесæн радтой колонисты статус æмæ йæхи хæдзар аразыны бар (репартимьенто). Лæппу уыд губернатор Овандойы дард хион, æмæ йæ уый снысан кодта сахар Асусæйы нотариусæй.

1510-æм азы Кортес бацыдис, Диего Веласкесы разамындæй Кубæ бацæхсынмæ чи цыд, уыцы балмæ. Балы службæ кодта куыд хæзнадар, стыгъд хæзнатæ аргъ кодта æмæ сæ фæндзæм хай æрвыста-иу Испанийы къаролæн. Кубæйы Эрнан Кортес схъæздыг æмæ дзы баззадис цæрынмæ.

1519-æм азы Кортес 11 наутæй ацыдис ныгуылæнырдæм, Мексикæ байсынмæ. Йемæ наудзу кодтой 518 фистæг æфсæддоны, 16 барæджы (уыдонæй алкæмæн дæр йæхи бæх нæ уыд), 13 аркебузæйæджы, 32 арбалетæджы, 110 матросы æмæ 200 цагъайраджы.

Фыццаг наутыл бацыдысты Юкатаны былмæ, стæй цæугæдон Табаскойы донæфтæнмæ. Уырдыгæй сурзæххыл цыдысты бæстæйы астæумæ, ссардтой сæхицæн цæдисонтæ æмæ 16 августы бацыдысты ацтекты сæйраг сахар Теночтитланмæ.