Уæрæсе
|
|||||
(байхъус ) | |||||
Фæзынд | 862 азы[1] | ||||
Æвзаг | уырыссаг | ||||
Сæйраг сахар | Мæскуы | ||||
Стырдæр сахартæ | Мæскуы, Бетъырбух, Новосибирск, Екатеринбург, Дæллаг Новгород, Хъазан, Самарæ, Омск, Челябинск, Ростов-Доныл | ||||
Хицауиуæджы хуыз | Республикæ | ||||
Президент Хицауады сæргълæууæг |
Владимир Путин Дмитрий Медведев |
||||
Фæзуат | 17 125 187 км² | ||||
Доны процент | 4,22 | ||||
Цæрджытæ • Бахыгъд (2014) • Сфыст (2010) • Æнгомад |
▲ 143 666 931 ад. 142 856 536 ад. 8,39 ад./км² |
||||
ÆМП • Æдæппæт (2006) • Иу адæймагмæ |
дунейы 9-æм 1,746 трлн. [2] $ 13 210 [3] $ |
||||
Валютæ | Уæрæсейы сом | ||||
Интернет-домен | .ru, .su [4], .рф [5] | ||||
Телефонон код | +7 | ||||
Сахатон таг | [[UTC+2…+12[6]]] | ||||
|
Уæрæсе[1] (уырыс. Россия) кæнæ Уæрæсейы Федераци (уырыс. Российская Федерация) у федералон æрдæгпрезидентон республикæ Евразийы цæгаты. Ныгуылæнæй скæсæнмæ æмарæн у Норвеги, Финлянди, Эстони, Латви, Литва, Польшæ, Белорусси, Украинæ, Абхаз, Гуырдзыстон, Хуссар Ирыстон, Азербайджан, Хъазахстан, Китай, Монголи æмæ Цæгат Корейимæ. Доныл ын ис арæн АИШ-ы штат Аляскæимæ æмæ Японимæ. 17 милуан квадратон километр ахсгæйæ, Уæрæсе у дунейы стырдæр бæстæ. Йæ цæрджыты нымæцмæ гæсгæ та у дунейы фарæстæм. Цæры дзы 142 милуан адæймаджы. Йæ сæйраг æмæ стырдæр сахар у Мæскуы.
Уæрæсе у минералон æмæ энергион ресурсты стырдæр дарæг, нефт æмæ æрдзон газы стырдæр къахджытæй иу.
Сæргæндтæ
Цæрджытæ[ивын | Бындур ивын]
Æдæппæтæй цæрджыты нымæц у 141 888,9 мин адæймаджы (1 июны 2008), дунейы цæрджытæй 2,13 %. Уыдонæй 4/5 цæрынц бæстæйы европæйаг хайы (Уралимæ). Адæмæй 73% цæрынц сахарты.
Уæрæсейы цæрынц 180 адæмыхаттæй фылдæр, уыдонæй уырыс сты 81,5% (2002-æм азы сфыстмæ гæсгæ).
Ирæттæй сæ фылдæр хай цæрынц Уæрæсейы (Цæгат Ирыстон æмæ æндæр регионты).
Истори[ивын | Бындур ивын]
- Рагон Уырыс (уырыс. Древняя Русь), (Киевы Русь) (862—1242)
- Владимиры кънйазад (1157—1389)
- Мæскуыйы кънйазад (1246—1389)
- Стыр Мæскуыйы кънйазад (1389—1547)
- Уырысы паддзахад (1547-æм азы 16 январы — 1721-æм азы 22 октябры)
- Уæрæсейы импери (1721-æм азы 22 октябры — 1917-æм азы 1 сентябры)
- Уæрæсейы республикæ (1 сентябры — 1917-æм азы 25 октябры (7 ноябры))
- Уæрæсейы Советон Федеративон Социалистон Республикæ (сырæзт 25 октябры (7 ноябры) 1917-æм азы, 1922—1991 Советон Цæдисы сконды)
- Советон Социалистон Республикæты Цæдис (1922-æм азы 30 декабры — 1991-æм азы 26 декабры)
- Уæрæсейы Федераци (1991-æм азы 25 декабры — ныры рæстæг)
Сæйраг сахæртæ[ивын | Бындур ивын]
- 862—882 — Новгород
- 882—1243 — Киев
- 1243—1389 — Владимир
- 1389—1712 — Мæскуы
- 1712 21 майы—1728 — Бетъырбух
- 1728—1732 — Мæскуы
- 1732—1918 — Бетъырбух (1914-æм азы 18 августæй йæ ном уыд Петроград)
- 1918-æм азы 12 мартъийæ ныры рæстæгмæ — Мæскуы
Президенттæ[ивын | Бындур ивын]
- Борис Ельцин (1991—2000)
- Владимир Путин (2000—2008)
- Дмитрий Медведев (2008—2012)
- Владимир Путин (2012 — ныры онг)
Æрдз[ивын | Бындур ивын]
Цæдтæ[ивын | Бындур ивын]
Байкал у дунейы арфдæр цад, стырдæр æрдзон æдзæхх донуат. Ладогæйы цад у Европæйы стырдæр æдзæхх цад.
Кæс статьятæ[ивын | Бындур ивын]
Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]
- ↑ Æндæр арæх ном ирон æвзаджы у Уырыс.